СМИ

« Назад

«Ног сезонимæ, «Амран»!»  02.10.2003 02:55

 Фæсивæд, сæ зæрдæмæ чи цæуы æмæ уымæ гæсгæ хорз кæмæ арæхсынц, ахæм куыстыл куы фæхæст вæййынц, уæд æнæмæнг свæййынц æхсæнады аккаг уæнгтæ. Æхсызгон вæййы, æрыгон лæппуты æмæ чызджыты культурæйы æмæ спорты, аивады æмæ литературæйы, царды иннæ къабæзты æнтыстдзинæдтæ уынгæйæ.

             Адæмæн цин æмæ хъæлдзæгдзинад хæссæг сты къорд азы дæргъы фæсивæдон студи «Амран»-ы архайджытæ. Адæм æй уарзынц, йæ концерттæм ын æхсызгонæй цæуынц. Фæсивæд сæ фæхудын кæнынц, фæлæ сын уыимæ сатирæйы айдæны равдисынц царды хъæндзинæдтæ, адæймаджы миддунейы æбæллиццаг миниуджытæ. Национ сатирæ æмæ юморæй та æнхъæвзта сæ радон, ног сезон гом кæнæг концерт дæр. Ирон театрмæ цалдæр боны размæ ׳рбацыдысты сæ курдиатæн агъгæнджытæ.

             Уæлахиз æмæ æнтыстджын у, «Амран» ! аивадуарзджытæ æнхъæлмæ кæсынц дæ ног равдыстытæм, æмæ сæ фыдæнхъæл ма фæкæн. Дæ сатирикон нывтæ хорзырдæм фæзынæнт ирон адæмы цардыуагыл.

 

         Тъехты Т.

Газет «Рæстдзинад»

             №185 2 октября 2003 г.



Новости
08.12.24

8 декабря родилась Клара Михайловна Румянова (1929-2004) - советская и российская актриса, заслуженная артистка РСФСР

08.12.24

8 декабря отмечает юбилей Алиса Бруновна Фрейндлих (1934) - советская и российская актриса театра и кино, народная артистка СССР, лауреат Государственной премии РСФСР им. К. С. Станиславского, трех Государственных премий РФ, премии Правительства РФ

07.12.24

7 декабря родился Илларион Николаевич Певцов (1879-1934) - русский и советский актёр, театральный педагог, народный артист РСФСР

06.12.24

6 декабря отмечает юбилей Ольга Николаевна Науменко (1949) - советская и российская актриса театра и кино, народная артистка РФ

06.12.24

6 декабря родился Николай Петрович Баталов (1899-1937) - русский и советский актёр театра и кино, заслуженный артист РСФСР