СМИ

« Назад

ГТРК - Нæ республикæйы кæронмæ æрхæццæ театралон къордты фестиваль «Амыраны рухс»  24.03.2017 16:00

Нæ республикæйы кæронмæ æрхæццæ театралон къордты

фестиваль «Амыраны рухс»

 

Ссылка на видео:

http://alaniatv.ru/habaerta/vesti-iryston/?id=22866

 

Нæ республикæйы кæронмæ æрхæццæ театралон къордты фестиваль «Амыраны рухс». Йæ саразыныл бацархайдтой фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитет æмæ фæсивæдон театр «Амыран». Фестивалы сæ арæхстдзинад равдыстой æппæт районтæ – театралон студиты æмæ культурæйы галуанты минæвæрттæ. Фестиваль фæци гала-концертæй.

Сценæйæ ахæм æнкъарæнтæ радтын адæмæн, цæмæй сæ сæ мидхъуыдытæ ахæссой хæлардзинад кæм фæуæлахиз вæййы. ахæм аргъæутты дунемæ. Сфæлдыстадон къордты фæсивæд зæрдиагæй архайынц алы эпизоды дæр. Сæ ирд костюмтæ сын æххæст кæнынц сæ сурæттæ.

Бирæ къордтæ дзы стыр сценæйы архайынц фыццаг хатт. Уыдонæн уый æрмæст фæлтæрддзинад нæу, фæлæ сты бæрнондзинад дæр.

Фæсивæдон æмæ сывæллæтты национ театрты фестиваль арæзт цæуы фыццаг хатт. Йæ хицæндзинад у уый, æмæ иууылдæр сæ курдиат æвдисынц æрмæст ирон æвзагыл. Хицауады сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег загъта фестивал стыр хъуыддæгты райдиан кæй у. Æвзарæн туртæ уыдысты дыууæ къæпхæнæй - районты æмæ республикæйы æмвæзадыл. Æвзонг курдиæттæн аргъ кодтой театралон æхсæнады минæвæрттæ. Се нкъарæнты тыххæй журналисттæн загътой пресс-конференцийы. Сæ ныхæстæм гæсгæ, ирон æвзаг æмæ культур рæзын кæнынæн ссардтой ахадгæ фæрæз.

Фестиваль баст уыди ирон театры бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойы райгуырæн бонимæ. Фестивалы архайдтой курдиатджын фæсивæд, æдæппæтæй 700. Уый у, 150 сфæлдыстадон къорды. Аивадон цау арæзт æрцыди фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитет, æмæ фæсивæдон театр «Амыран»-ы хъæппæрисæй. Куыд нысан кæнынц, афтæмæй фестиваль суыдзæн æрвылазон.

Касаты Наирæ



Новости
31.10.24

30 ноября отмечает юбилей Юрий Борисович Васильев - советский и российский актёр театра и кино, режиссёр; народный артист РФ, актер Московского академического театра сатиры

30.10.24

30 октября родился Владимир Леонидович Гуляев (1924-1997) - советский актёр театра и кино; заслуженный артист РСФСР

27.10.24

27 октября родился Николай Петрович Караченцов (1944-2018) - советский и российский актёр театра и кино, народный артист РСФСР, лауреат Государственной премии РФ

27.10.24

27 октября родилась Майя Иосифовна Туровская (1924-2019) - советский и российский театральный и кинокритик, театровед, киновед, культуролог; доктор искусствоведения

27.10.24

27 октября родился Михаил Иванович Жаров (1899-1981) - советский актёр и режиссёр театра и кино, Герой Социалистического Труда, народный артист СССР, лауреат трех Сталинских премий