СМИ

« Назад

"Амыраны рухс" - нæ районы ("Фидиуæг", №27, 17.03.2018)  17.03.2018 21:43

«Амыраны рухс» - нæ районы

амыран

Цæгат Ирыстоны 2017 азæй нырмæ арæзт цæуы национ театруарзаг фæсивæдон æмæ сывæллæтты театрты фестиваль «Амыраны рухс». Организацион функцитæ æххæст кæны паддзахадон бюджетон уагдон «Фæсивæдон студи – сатирæйы театр «Амыран».

Фестивалы нысан у рæзгæ фæлтæры удварнон – хæрзæгъдауы идеалтыл схъомыл кæнын, уыдон та бындур сты ирон  культурæйæн: ирон æвзаг пропагандæ æмæ парахат кæнын сывæллæттæ æмæ хистæр кар фæсивæды ‘хсæн.
Йæ социалон хорздзинад та у сабиты æмæ иннæ фæсивæды театралон аивадмæ æрбахонын æмæ сæ ууыл фæцалх кæнын, ирон аив дзырд бауарзын кæнын.
Ацы фестивалы ис театралон жанртæ, уыдон æнгом баст сты ирон литературæ, драматурги, фольклоримæ, цæмæй актеруарзаг фæсивæдæй хъуамæ хъуыса ирон аивадон ныхас. Уыцы номинацитæ та сты «Драмон спектакль», «Фольклорон театралон сæвæрд», «Ирон аргъау», «Аивадон бакаст». Ис-ма дзы ис ахæм номинацитæ: «Эстрадон сатирикон миниатюрæ» æмæ «Сфæлдыстадон эксперимент».
Фестивалы архайынц студенттæ, фæсивæд дыууæ карæй: 7-аздзыдæй 16 азы онг, стæй та 16 азæй 30 азы кармæ.
Сæ разамонджытæ бындуронæй сты ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ, хъомыладонкуысты организатортæ, районты æмæ хъæууон культурæты Хæдзæртты театрты разамонджытæ.
Ацы аз дæр фестиваль  цæуы дыууæ этапæй: бынæттон (12-18 мартъийы) иу районы арæнты, иннæ та у республикон (21-æм мартъийы), уæд та сæ дæсныйад æвдисдзысты бынæттон этапы уæлахиздзаутæ.
Нæ районы культурæйы Галуаны ныр дыккаг хатт ацыд ацы фестивалы бынæттон этап. 12-æм мартъийы сценæйыл сæ арæхстдзинад æвдыстой не скъолаты æмæ культурæйы Хæдзæртты адæмон театртæ, театруарзаг фæсивæдон къордтæ.
Мадзал амыдта театр «Амыран»-ы актер Гозымты Руслан. Жюрийы уæнгтæ уыдысты нæ республикæйы культурæ æмæ аивады архайджытæ Цæгæраты Руслан, Гæджиты Мæдинæ, Пæррæстаты Владимир æмæ Сидахъаты Дзамболат.
Культурæйы Галуаны сценæйыл сæ арæхстдзинад æвдыстой нæ районы аивадмæ æвзыгъд æмæ курдиатджын фæсивæд æхсæз номинацийæ. Адæм сын кодтой тыхджын къухæмдзæгъд. Бæрæг уыд, цæмæй сæ аивад сценæйæ равдыстаиккой, ууыл бирæ кæй бафыдæбон кодтой.
Ахицæн, 2 сахатæй фылдæр цы цыд, уыцы фестиваль. Жюрийы уæнгтæ скодтой хæтдзæгтæ. Номинаци «Драмон спектакль»-ы фыццаг бынат бацахста Плиты Грисы номыл Октябрыхъæуы культурæйы Галуаны театр «Малусæг» (йæ разамонæг – Уæрæсейы культурæйы сгуыхт кусæг Уæлыгæсты Тамарæ), номинаци «Фольклорон театралон сæвæрд»-ы фыццаг бынат саккаг кодтой Сунжæйы хъæуы культурæйы Хæдзары адæмон театр «Премьера-А»-йæн (разамонæг - Гæбуты Зинæ), номинаци «Ирон æгъдау»-ы фыццаг бынат бацахста Октябрыхъæуы 1-æм астæуккаг скъолайы театр «Амонды фæрдгуытæ» (разамонæг - Цхуырбаты Ася), номинаци «Эстрадон  сатирикон миниатюрæ»-йы фыццаг бынат саккаг кодтой Тарскæйы культурæйы Хæдзарæн (разамонæг – Кобылты Верæ).
Номинаци «Аивадон бакаст»-ы сæ разæй никæй ауагътой Октябрыхъæуы культурæйы Галуаны минæвар Джусойты Расимæ (разамонæг – Уæлыгæсты Тамарæ), æмæ Сунжæйы бындурон скъолайы ахуыргæнинаг Коцты Валерия (разамонæг – Къалаты Ренатæ).
Фестивалы лауреаттæ систы: номинаци «Драмон спектакль»-ы – Камбилеевкæйы 1-æм астæуккаг скъолайы театр «Арвæрдын» (2-аг бынат), Комгæроны астæуккаг скъолайы театр «Хæзна» (3-аг бынат), номинаци «Эстрадон сатирикон миниатюрæ»-йæ Сунжæйы хъæуы иумæйагахуырадон астæуккаг скъолайы театр «Сæрмæт» (2-аг бынат), аив кæсыны номинацийæ дыккаг бынат бацахста Архонкæйы станицæйы 2-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинаг Дианæ Филипова. Октябрыхъæуы сывæллæтты сфæлдыстадон Хæдзары ахуырдзау Бедойты Миленæ та бацахста 3-аг бынат.
Кæрæй-кæронмæ иронау чи цыд, уыцы фестиваль-конкурсы уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой I-аг, II-аг, III-аг къæпхæнты лауреатты дипломтæй, сæрмагонд дипломтæй, призтæй æмæ лæвæрдтæй.
Ацы аз 23-æм мартъийы Цæгат Ирыстоны фæсивæды Хæдзары уыдзæн, республикон фестиваль-конкурсы чи фæуæлахиз уа, уыдон схорзæхджын кæныны церемонии уымæн, æмæ уыцы бон райгуырд ирон драматургийы æмæ театры бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъо (1881 аз).
Гасситы Моисей.
Къамы: фестивалы фæуæлахиздзауджытæ æмæ архайджытæ.
Авторы ист къам.

http://fidiuag.press15.ru/342-amyrany-rukhs-n-rajony.html

http://fidiuag.press15.ru/attachments/article/250/27.pdf



Новости
16.09.24

19 сентября родился Владимир Валентинович Меньшов (1939-2021) - советский и российский актёр, кинорежиссёр, сценарист, продюсер, телеведущий, Народный артист РСФСР,  Лауреат Государственной премии СССР, Государственной премии РСФСР имени Н. К. Крупской (1978) и премии Американской киноакадемии «Оскар» в номинации «Лучший фильм на иностранном языке» за фильм «Москва слезам не верит»

08.09.24

8 сентября родилась Людмила Васильевна Целиковская (1919-1992) - советская актриса театра и кино, народная артистка РСФСР

05.09.24

Сегодня отмечает 80-летний юбилей Тотраз Аврамович Кокаев - осетинский поэт, переводчик и драматург, автор гимна Республики Южная Осетия, народный поэт Осетии, заслуженный деятель искусств РЮО, лауреат государственной премии имени Коста Хетагурова в области литературы и искусства, член Союза писателей РФ

04.09.24

4 сентября родился Павел Владимирович Массальский (1904-1979) - советский актёр театра и кино, один из ведущих педагогов Школы-студии МХАТ, народный артист СССР, лауреат Сталинской премии 

04.09.24

4 сентября родился Валентин Николаевич Плучек (1909-2002) - советский российский театральный режиссёр, актёр, народный артист СССР, главный режиссёр Московского театра Сатиры