« Назад«Æвдисынц арæхстдзинад» 11.12.2002 01:53Æндæрæбон æнæхъæн паддзахады дæр бæрæг кодтой худыны бон. 1 апрелы алкæмæн дæр бар вæййы йæ хæстæджыты æмæ ׳мбæлтты хъазгæмхасæн сайд акæнынæн, æндæр хъæлдзæг мадзæлттæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы бæрæгбонмæ уæлдай стыр æргом фæсивæд аздахынц. Ацы хатт æм йæхи хорз бацæттæ кодта РЦИ – Аланийы Фсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты фæсивæдон студи «Амран». Ирон театры сценæйыл уыдон равдыстой сьыр концертон программæ. «ИРОНизированное шоу».Студийы аивадон разамонæг æмæ режиссер-æвæрæг Лазарты Таймураз æрбамбырд кодта бирæ курдиатджын фæсивæд. Ацы хатт хъæлдзæг изæр арæзт уыд «Амран»-ы раздæр азты репертуары хуыздæр номыртæй. Хъæлдзæг нывтæ, интермедитæ, чысыл драмæтæ, пародитæ... Аивадуарзджытæ та къæрццæмдзæгъд кодтой, рагæй кæй бауарзтой, уыцы репертуарæн: «Дæ фыды коммæ кæс», «Уырдыглæуджытæ», «Амран-продукт», «Наркоман», «Хъæргæнджытæ», «Диссæгты дуне» æмæ иннæ националон тæваг хæссæг хъæлдзæг мадзæлттæн. Зындгонд зарæггæнджытыл пародитæ, студентты кино «Кровь на зачетке-2», дыгуронмæ ивд уырыссаг адæмон аргъау «Репка» дæр тынг фæцыдысты адæмы зæрдæмæ. Сергей Никитченко иронау азарыд Ирыстоны тыххæй зарджытæ, стæй йын йæ хъæппæрис «айста» Годжыцаты Георги. Мадзал саив кодтой нывгæнджытæ Ногъайты Сослан æмæ Хосроты Тимур. Ролты хъазыдысты Булацаты В., Годжыцаты Г., Чертыхъоты А., Баситы А., Тасойты О., Батырты Р., Сидахъаты Дз., Фæрниаты Б., Гозымты Р., Лазарты Т. æмæ иннæтæ. «Амран» та радон хатт равдыста, йæ архайджытæм актеры дæсныйадмæ тырнындзинад кæй ис æмæ сценæйыл ноджы мидисджындæр, бæрзонддæр æмвæзадыл хъазт æвдисынмæ цæттæ кæй сты. Гъемæ æнтысджын уæнт, сæ репертуар та хъæздыгæй-хъæздыгдæр кæнæд.
Тъехты Т.
Газет «Рæстдзинад» 42 |