Юбилей Батраза Фарниева!

« Назад

Юбилей Батраза Фарниева! 09.01.2022 09:00

«Амыран» - йæ зæрдæйы

Æрыгонæй йæ кур­диат раргом, адæм æй уарзынц æмæ йын кад кæнынц", - ахæм ныхæсты аккаг суæвæг лæппу кæнæ чызг амондджын у. Иæ зонд, йæ хъару, йæ ныфсы руаджы свæййы Æн­тыстджын, æмгæртты 'хсæн нымад, æгъдауыл хæст адæймаг.

Ацы хъуыдытæ æххæстæй хауынц РЦИ-Аланийы Фæсивæ­ды, физкультурæ æмæ спорты хъуыддæгты фæдыл министрады цур кусæг фæсивæдон студи "Амыран"-ы актер Фæрниаты Батрадзмæ.

Лæппу, искæд сценæмæ ра­цæудзæн, уый æнхъæл нæ уыд, `стæй уымæ нæ тырныдта. Ахуыр кæнынмæ бацыд Хæххон пад­дзахадон аграрон университеты агрономон факультетмæ. Гуыргæ Уæллаг Фыййагдоны ракодта, цæргæ та Сунжæйы кæны æмæ хъæуккаг цардыуаг йæ зæрдæмæ цыд. Фæлæ йæ "Амыран" йæхимæ "фæхуыдта", сфæлдыстадон тæ.мæн сцырен кодта, ныр те­атр, сценæ Батрадзы царды сæр­магонд бынат бацахстой.

Иæ фыццаг къахдзæфтæ акодта "Студентты уалдзæджы". Профессионалон артист нæ уæв­гæйæ, цыбыр рæстæгмæ аив сценикон фæлгонцтæ нывæндын­мæ арæхсын райдыдта. Цыбыр сценкæты архайыны зындзинад уый мидæг ис, æмæ геройы æп­пæт миниуджытæ равдисын къухы зынтæй бафты. Фæлæ Батрадзы фæлгонцтæ æнæарыгондæй ни­куы баззайынц. Уый нæ, фæлæ студимæ арæх æрбацæуынц ахæм фарстаимæ: "Батрадз кон­церты архайдзæн?". Интермеди­тæ "Гитлер капут"-ы партизан, "Хинæйдзаг экзамен"-ы доцент, "Хъæргæнджытæ"-йы Кæсæби, спектакль "Фыдджын æви гам­бургер"-ы Знауыр æмæ иннæ фæлгонцтæ аивадуарзджыты зæрдæскъæфт фæкодтой.

"Сце­нæйыл куыд архайы, афтæ арæхстджын у царды мидæг дæр. Хæларзæрдæ, куыстуарзаг, бæр­нон, æнæзивæг... Ææ ролтæ би­рæ æмæ зын `сты. Хæдахуыр ар­тистæн нымад минуттæм йæ дзаумæттæ фæивын дæр кæуыл­ты хъуыддаг у, фæлæ йæ концер­ты рæстæг тыхстæй нæ фендзы­нæ, афтæ хорз зоны йæ куыст. Уæдæ ныхас загьта, уæд æй нæ æсайдзæн, уый дæр 2000 азæй нырмæ зонæм ("Амыран"-мæ уы­цы аз æрбацыд). Гъемæ иу уæлахизæй иннæмæ цæуæд, Хуыцауы хорздзинæдтæй хай­джын уæд!" - загъта студийы ак­тер Гозымты Руслан...

Йæ архайды тыххæй лæппу райста бирæ грамотæтæ, сси Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист. Фæлæ нæ уырны: йæ сæйраг уæлахизтæ нырма ра­зæй `сты, æмæ сæм хорз фæн­дæгтыл цæуæд, æнтыстытыл цин кæныны æмæ зындзинæдты сæр­ты хизыны хьару йæм уæд!

 

Тъехты Тамерлан

"Рæстдзинад"

 


Новости
31.03.23

31 марта отмечает юбилей наша коллега, заслуженная артистка РСО-Алания Виктория Булацева!

Уважаемая Виктория Ильинична! С Юбилеем Вас! Счастья Вам и здоровья, творческого вдохновения, новых творческих успехов!

31.03.23

31 марта отмечает юбилей Владимир Натанович Винокур (1948) - советский и российский артист эстрады, народный артист РСФСР, руководитель Государственного «Театра пародий Владимира Винокура»

31.03.23

31 марта отмечает юбилей Александр Викторович Збруев (1938) -советский и российский актёр театра и кино, народный артист РСФСР; один из ведущих артистов Московского государственного театра «Ленком Марка Захарова»

31.03.23

31 марта родился Иван Иванович Ром-Лебедев (1903- 1991) - советский актёр, драматург, цыганский писатель; заслуженный артист и заслуженный деятель искусств РСФСР

30.03.23

30 марта родился Том Шарп (1928-2013) - английский писатель-сатирик