150 лет Арсену Коцоеву!

« Назад

150 лет Арсену Коцоеву! 15.01.2022 08:00

Коцойты Арсен уыд курдиатджын фыссæг, реалистон радзырды дæсны, реакцион æгъдæутты ныхмæ тохгæнæг.

Арсен райгуырд Джызæлы. Ам каст фæци райдайæн скъола. Ахуыр кодта Æрыдоны семинары, — фæрынчын, æмæ йæ ахуыр кæронмæ нæ ахæццæ, фæлæ радта сæрмагонд фæлварæнтæ, æмæ йын бар уыд ахуыргæнæгæй кусынæн. Цæгат æмæ Хуссар Иры хъæуты кусгæйæ, уый бæстондæр базыдта адæмы цард, сæ хъуæгтæ, сæ фæндæттæ. Фыста уацтæ газеттæм. Сæ нысан уыд рухс тауын, талынг æгъдæуттæ ивын. Арсен домдта нозт сафын, скъолатæ æмæ медицинон кусæндæттæ аразын. Хурмæ хаста бынæттон хицæутты куысты хъæнтæ («Нæ хъæуы — хицæуттæ»), гуырдзыйы æлдæртты æнаккаг митæ («Хизанты тыххæй»). Хъахъхъæдта, промышленниктæ сæ зæхх кæмæн сайдтой æмæ истой, уыцы мæгуыр адæмы бартæ («Хæххон промышленносты змæлд Ирыстоны»). Тох кодта буржуазон мыхуыры фæлывд закъонты ныхмæ, сæрибар ныхасы сæраппонд («Фыстæг редакцимæ»). Æвдыста ирон культурæйы рæзты уавæр æмæ ахуыргонд фæсивæды хæстæ («Ирон интеллигенцийы хæстæ»).

Арсенæн йæ фыццаг радзырдтæ «Фидис» æмæ «Хин» мыхуыры фæзындысты 1901 азы уырыссаг æвзагыл. Æвдыст сæ цæуынц туг исын æмæ диныл æууæндыны æвирхъау фæстиуджытæ.

Коцойы фырт бирæ рахау-бахау фæкодта куыстагур Уæрæсейы къуымты. 1910 азы ирон интеллигенци Калачы уадзын райдыдта æхсæнадон-аивадон журнал «Æфсир». Редактор æмæ йын аивадон фæлгонцаразæг уыд Арсен. Ам фыццаг хатт иронау рацыдысты йæ радзырдтæ «Цы фæци Асæхмæты ирæд» æмæ «Гигойы куадзæн». Ирæд Арсен йæ уацты хуыдта «Нæ фыдбылызты фыддæр». Уыцы проблемæ ис фыццаг радзырды дæр. Йæ ног вариант — «Афтæ дæр вæййы». Æвдыст дзы цæуы мæгуыр лæппуйы кæуинаг хъысмæт. Саугуди каис бакодта, сæрæн у, фæлæ йæ бон нæу ирæд ахицæн кæнын. Ныллæууыд давыны фæндагыл — давы йæ каис Хосдзауы исбон æмæ йын фиды йæ ирæд. Æрхаста ус, фæлæ нал уадзы йæ ахуыр æмæ фæмард кæйдæр къухæй. Æнæдарæгæй баззадысты йæ идæдз ус æмæ йæ зæронд мад.

Хъуыдыгæнæг фыссæгæн æнæуынон уыдысты мæнгуырнынад æмæ дины кусджытæ. «Гигойы куадзæн»-ы æвдыст цæуы мæгуыр бинонты цард. Гиго æмæ Пело сты æвæрæз, ссæст адæймæгтæ. Фыдцард æмæ сæ хъалон нæ уадзынц уæлæмæ скæсын. Сæ хъыбыл — сæ цин, сæ койаг. Фæлæ сын уыцы цин дæр атыдта сауджын. Арсен снывæста сауджын Иосебы колоритон фæлгонц: уый у дыдзæсгом, гуыбындзæл, адæмы стигъы, ныхасæй та сыл йæхи аудæг скæны. Фæстæдæр Арсен ахæм хуызы снывæнддзæн дæсны Биганоны фæлгонц дæр («Дадолты мæт»). Адæймаг æнадгæнæн у Биганоны бакаст. Фæливæнтæ сты йæ амындтытæ. Автор иттæг хорз арæхсы комикон уавæртæ æвдисынмæ — Дадолты бинонты уаг, сæ митæ, сæ хъуыддæгтæ сты худæг, кæд тæригъæддаг уавæры сты, уæддæр.

Хæххон адæмы стыр фыдбылызтæм кодта туг исыны æгъдау. Уый азарæй цы трагедитæ цыд, адæймаджы цард куыд сæфт, йæ удыхъæд куыд хæлд, уымæн ирд æвдисæн — радзырдтæ «Фынддæс азы», «Сæумæрайсом».

1912 азы Арсен куыста газет «Правда»-йы редакцийы корректорæй. Уырыссагау дзы рауагъта цалдæр радзырды: «Цуанонтæ», «Æмбæлттæ». Егъау у сæ идейон-эстетикон ахадындзинад. Фыссæг систа æлдæрттæ æмæ хицауады гамхудтæ, равдыста сын се 'цæг æнаккаг цæсгом. Фыццаг уацмысы дыууæ зæронд лæджы, Тедо æмæ Симон, сæхи ирхæфсынц мысинæгтæй — сæ лæппуйы бонтæй æппæлынæй. Уыдон уæздан æмæ Хуыцауы сконд æнхъæлынц се 'лдар æмæ паддзахы. Фæлæ æлдары базыдтой хæстæгмæ: æлдар, æмæ йæ фырт сты зыд, ницæйаг, мæгуыр лæджы иунæг каркмæ чи бæллы, йæ фæстаг ныфс ын чи исы, ахæм тугцъиртæ. Хуыздæр не сты паддзахы хицауад дæр. Уыдон хохæгты хуыдтой абырджытæ, фæлæ Арсен фæрсæй-фæрстæм æрæвæрдта абырæг æмæ пъырыстыфы. Уыдон сты æмдзæхдон, фæлæ закъон хъахъхъæнæг абырæгæй у абырæгдæр — уый давæгæй уæлдай у гæртамхор, къазнахор, къамæйхъазæг, фæлитой.

Арсен æргом кæны царды хъæнтæ сæ алы хуызты. Æвдисы, раст æмæ зылын чи не 'взары, адæймаджы хъысмæт нымады кæм нæу, уыцы тæрхондоны куысты трагикон фæстиуджытæ («Тазырæт»), æвдисы, базаргæнджытæ адæмы куыд стигъынц, пъæлицæ тугцъиртимæ æмдзæхдон кæй у, уыцы фыдракæндтæ («Тохы бон»).

Адæмы тугвæллойæ чи цард (дины кусæг, хъæуыхицау, суды лæг), уыдоны фыдæгъдæуттæ Арсен иумæ, æмбастæй, æвдисы уацау «Джанаспи»-йы. Ам фыдгæнджыты къордыл бафтыд, мæрдкъахæй, давынæй, сайынæй, адæмы фæллойæ чи сбонджын, уыцы хъæууон буржуй — Джанаспи. Фыссæг ын нывæфтыд кæны йæ царды истори — йæ равзæрдæй йæ сæфтмæ.

Сæрмагонд бынат ахсы Арсены сфæлдыстады ахуырдзау фæсивæды хъысмæт. Уæззау уыд сæ фæндаг. Ахуырад уыд сæ ныфс, тырныдтой йæм зæрдиагæй. Фæлæ сын нæ уыд фадæттæ. Сæ рухс бæллицтæ сæфтысты мæгуырдзинад æмæ адæмы эгоизмы азарæй («Цыппар æмæ ссæдз боны»).

Парахатæй æвдыста Арсен мидхæсты цаутæ. Радзырд «Æнхъæл нæ уыдысты» у æлдæрттæ æмæ бынæттон хицауады фæстаг бонты драмæ. Йæ сæргонды ис символон мидис. Дин, æлдарад, хицауад æмбастæй уыдысты фидар. Сæ ныфс уыд паддзахады æфсæддон тых. Мидхæсты змæстыты, алы зын уавæрты алчи дæр æвдисы йæ удыхъæд, йæ зондахаст. Бирæтæн фæци фадат искæй хардзæй мулк æмбырд кæнынæн. Цæстфæлдахæг æмæ пайдагæнæг лæггад кæнынц цыфæнды хицауадæн дæр, аразынц сæ цард мæнгард митæй, æмбæхсынц се 'цæг цæсгом, кæнынц халæн куыст. Фæлæ ахæм дыдзæсгом фыдгæнджытæн карз тæрхон хæссынц рæстæг æмæ ног царды æгъдæуттæ. Уæды заманы цард базонынæн хорз ахъаз сты радзырдтæ «Мырзæджы карьерæ» æмæ «Декрет».

Намысы кадæг у радзырд «Саломи». Фыссæг æвдисы гуырдзиаг националистты фыдракæндтæ. Æвирхъау зын уавæры ис ирон сылгоймаг Саломи — æнæрцæф, сæрыстыр, уæздан адæймаг. Уый худинаджы бæсты равзæрста мæлæт йæхицæн дæр æмæ йæ чызджытæн дæр. Йæ мæлæт у бæрзонд трагеди, фæлæ йе сгуыхт у рæсугъд æмæ ныфсдæттæг.

Арсен уыд арæхстджын сатирик, сурæты дæсны, йæ радзырдты сюжеттæ сты æлвæст, сæ быцæутæ рæзынц, архайд цæуы тагъд, хæццæ кæны йæ логикон кæронмæ. Чысыл нывтæ, æлгъин ахорæнтæй раргом вæййынц архайджыты характертæ, сæ зондахаст, сæ фæндиæгтæ. Фыссæджы æвзаг у æхсæст, аив нывæфтыд. Арсены сконд фæлгонцтæ сты хуызджын, цардæгас. Уый у æцæг адæмон фыссæг.

Макоты Замирæ,

Джыккайты Шамил

http://allingvo.ru/


Новости
05.10.24

5 октября отмечает юбилей Александр Яковлевич Михайлов (1944) - советский и российский актёр театра и кино, педагог; народный артист РСФСР, народный артист Приднестровской Молдавской Республики, заслуженный артист Автономной Республики Крым, лауреат премии Ленинского комсомола и Государственной премии РСФСР им. братьев Васильевых

03.10.24

3 октября родился Николай Николаевич Волков (1934-2003) - советский и российский актёр, народный артист РСФСР

01.10.24

1 октября 1924 года - спектаклем "Москва с точки зрения" Виктора Типота и Николая Эрдмана открылся Московский театр сатиры

29.09.24

29 сентября родился Николай Алексеевич Островский (1904-1936) - советский писатель, автор романа «Как закалялась сталь»

29.09.24

29 сентября родился Евгений Иосифович Габрилович (1899-1993) - русский советский писатель, драматург; Герой Социалистического Труда, заслуженный деятель искусств РСФСР, народный артист Латвийской ССР, лауреат Сталинской и двух Государственных премий СССР