115 лет Георгию Джимиеву!

« Назад

115 лет Георгию Джимиеву! 01.01.2022 06:00

Георгий Савельевич Джимиев родился 1 января 1907 года в г. Владикавказе. Он рано потерял отца,и заботы о семье целиком легли на плечи четырнадцатилетнего Георгия, старшего среди братьев и сестер. Работал он возчиком на заготовках дров, продавцом в магазине. В 1926 г. поступил на актерское отделение техникума кинематографии в Москве. По окончании техникума был направлен на киностудию «Восток-фильм» в качестве ассистента режиссера а затем он стал режиссером. В 1932 г. Джимиева пригласили в Азербайджанскую киностудию на должность заведующего сценарным отделом. Но уже в 1934 г. Джимиев переехал в Северную Осетию и начал работать заведующим отделом искусств облоно.

Открытие Северо-Осетинского драматического театра определило творческую судьбу Джимиева. Вскоре там была поставлена веселая четырехактная комедия «Свадьба» («Чындзæхсæв», 1936). Это была первая осетинская советская комедия и посвящена она была колхозной теме. Будучи всецело захваченным идеей построения новой жизни, Джимиев показал в четырехактной комедии «Молодая невестка» («Ног чындз», 1940) победу новой морали над старыми отживающими обычаями.

В 1941 г. Джимиев ушел на фронт, но в 1942 был демобилизован по болезни. В том же году написал ряд очерков, рассказы патриотическую драму «Дни борьбы», в которой изобразил мужество и героизм наших воинов и драму «Черный туман» («Сау мигъ»). Это одна из лучших пьес в осетинской драматургии. В ней автор, верный своим идеалам, раскрыл высокие моральные качества советского человека-патриота, создал монументальные образы воинов советской Армии (Скорняков), партизан (Дзарахмат, Хадизат), простых колхозников, мужественных патриотов (Дзамболат и др).

В сентябре 1944 г. Джимиев уехал в Москву, чтобы создать сценарий для художественного фильма о Северной Осетии но осуществить свой давнишний замысел.ему не удалось. 25 сентября 1944 г. его жизнь трагически оборвалась.

 

http://osetins.info

 

 

ДЖИМИТЫ ГЕОРГИ

(1907-1944) 

 

 

Драматург æмæ кинорежиссер Джимиты Савелийы фырт Георги райгуырд 1907 азы 1 январы Дзæуджыхъæуы. Мæгуыр бинонты æхсæн уый раджы бавзæрста уæззау царды уавæртæ. Цард ын уæлдай зындæр ссис йæ фыды амарды фæстæ. Бинонты дарыны хæс иууылдæр æрæнцад йæ æвзонг уæхсчытыл. Цыппæрдæсаздзыдæй ссис йæ бирæ æфсымæртæ æмæ хоты дарæг. Йæ амал куыд амыдта, афтæ касти чингуытæ, йæхи цæттæ кодта ахуырмæ. Æмæ йын 1926 азы фадат фæци. Уæд Георги ацыд Мæскуымæ æмæ уым ахуыр кæнынмæ бацыд кинематографийы паддзахадон техникумы актеры хайадмæ. Йæ бæллиц сæххæст æрыгон зæрдæргъæвд лæппуйæн æмæ дзы ахуыр кæнын куыд разæнгардæй райдыдта. 

Цыппар азы фæстæ Георги техникум каст фæци æмæ райста актеры, стæй ма режиссеры дæсныйад дæр. Кусынмæ йæ арвыстой киностуди «Восток-фильм»-мæ режиссеры æххуысгæнæгæй. Фæлæ уыцы дæсныйады бирæ нæ бафæстиат. Уайтагъд сси режиссер. Режиссеры куыстæй уæлдай ма хъазыди кинонывтæ «Зæхх бæллы» æмæ «Зелимхан»-ы. Ацы киностудийы кусгæйæ, Джимийы-фырт йæ хъарутæ æвзары кинодраматургийы дæр. Ныффыста йæ фыццаг сценари «Дыууæ дуджы». Йе ʼргом дзы аздæхта ног темæтæм, уæды æмæ раздæры цардыуагмæ. 

Иудзырдæй, Джимиты Георги уыцы азты бахаудта йе сфæлдыстадон цæхæры æмæ йæхи фæлвæрдта аивады алы хуызты. 1934 аза æрыздæхт Дзæуджыхъæумæ æмæ кусын райдыдта Цæгат Ирыстоны автономон облæсты адæмон ахуырады хайады аивæдты хъуыддæгты сæргълæууæгæй. Уæд йæ киносценари «Дыууæ дуджы»-йæ сарæзта пьесæ «Знæгты хæлардзинад», æмæ йæ сценæйы æрæвæрдта Уырыссаг театр. 

Джимийы-фыртæн кæд ам, Ирыстоны, куыст æмæ литературон сфæлдыстадæн уавæртæ уыдис, уæддæр ын æнцой нæ лæвæрдта киноаивад. Æмæ та 1935 азы ацыд Мæскуыйы киностудимæ режиссерæй. Уыцы рæстæг уым театралон аивады паддзахадон студийы ахуыр кодтой ирон фæсивæд – фæстæдæр Ирон театры бындурæвæрджытæ. Уыдон сæхи разæнгардæй цæттæ кодтой Цæгат Ирыстоны профессионалон ирон драмон театр байгом кæнынмæ. Уыцы фæсивæды къордимæ базонгæ Георги дæр. Сæ базырджын хъуыдытæ æмæ фæндтæ уый зæрдæ дæр фæцагайдтой, æмзонд сси семæ æмæ сыздæхт Ирыстонмæ. 

Йæ иннæ пьесæ «Ног чындз»-ы Джимийы-фырт æвдисы, царды ногдзинад зæронд уагыл куыд уæлахиз кæны, уый. Георги йæ комедийы дзуры æхсæнадон царды ахсджиаг фарстатыл. Драматург арæхстджынæй пайда кæны сатирæйæ нæ, фæлæ юморæй. 

Куыддæр немыцаг фашисттæ нæ Райгуырæн бæстæмæ æрбабырстой, æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæст райдыдта, афтæ Георги æрлæууыдис хъæбатыр советон адæмы фыццаг рæнхъыты. 1941 азы, хæсты фыццаг бонты ныффыста пьесæ «Тохы бонтæ», стæй уæд ацыдис фронтмæ. Фæлæ 1942 азы уæззау рынчынæй Ирыстонмæ сыздæхти æмæ кодта активон литературон куыст. 

1942 азы фронтæй куы æрыздæхт, уæд Джимийы-фырт фыссын райдыдта очерктæ, радзырдтæ. Уыцы азты сфæлдыстадон куысты йын хорзæй цы бантыст, уыдон сты радзырд «Чабæхан» æмæ драмæ «Сау мигъ». Пьесæ аккаг бынат бацахста ирон драмон уацмысты æхсæн, бирæ хæттыты æвæрд æрцыд сценæйы. Ирон дзыллæтæм, уæлдайдæр та фæсивæдмæ, гуырын кодта æмæ кæны Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ, ахуыр сæ кæны йæ сæрвæлтау карз тохы мæлæтæй нæ тæрсыныл, адæймагдзинадыл. 

Джимийы-фырт ныффыста фыццаг ирон советон комеди «Чындзæхсæв». Уымæй ма йæ тыхтæ фæлвæрдта кинодраматургийы дæр. Уый ирæттæй фыццагдæр ныффыста кинонывæн сценари. Уыцы сценаримæ гæсгæ ивгъуыд æнусы æртынæм азты Бакуйы киностуди Цæгат Ирыстоны систа киноныв «Дыууæ дуджы». Кинонывæн Джимиты Георги уыд йæ режиссер дæр. Уымæй фыццаг ирон кинорежиссер. 

1944 азы сентябры Георги Мæскуымæ ацыд. Уым йæ зæрды уыд Цæгат Ирыстоны тыххæй аивадон кинонывæн сценари ныффысын. Фæлæ уый йæ къухы нал бафтыд – уыцы аз 25 сентябры фæндаггон фыдбылызы фæмард.

 

http://ossetians.com

 


Новости
08.12.24

8 декабря родилась Клара Михайловна Румянова (1929-2004) - советская и российская актриса, заслуженная артистка РСФСР

08.12.24

8 декабря отмечает юбилей Алиса Бруновна Фрейндлих (1934) - советская и российская актриса театра и кино, народная артистка СССР, лауреат Государственной премии РСФСР им. К. С. Станиславского, трех Государственных премий РФ, премии Правительства РФ

07.12.24

7 декабря родился Илларион Николаевич Певцов (1879-1934) - русский и советский актёр, театральный педагог, народный артист РСФСР

06.12.24

6 декабря отмечает юбилей Ольга Николаевна Науменко (1949) - советская и российская актриса театра и кино, народная артистка РФ

06.12.24

6 декабря родился Николай Петрович Баталов (1899-1937) - русский и советский актёр театра и кино, заслуженный артист РСФСР